Цæссыгты фæндаг (англ. Trail of Tears) у XIX æнусы фондз индейаг адæмы ралидзын кæныны цауæн йæ ном.
1829 азы Джорджийы ссардтой сызгъæрин, уымæй райдыдта „сызгъæрин тæфсæг“, адæм багуылф кодтой регионмæ схъæздыг уæвыны монцæй. Уыцы æууæлты Джорджийы цæрæг черокиаг адæм АИШ-ы рæзтæн цæлхдур фæци, æмæ йæ ралидзын кæныны фæнд фæзынди. АИШ-ы президент Эндрю Джексон йæ къух сæвæрдта индейæгтæ депортацийы тыххæй бардзырды бын (англ. Indian Removal Act).
Черокиаг æмæ æндæр ралидзынгæнинаг адæмты хуыдтой «фондз цивилизацигонд знæмы», уый тыххæй æмæ европæйагау цард кодтой, амæдтой-иу бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, сæ сывæлæтты америкаг скъолатæн цæуын кодтой, уагътой газеттæ. Черокиæгты фæтæг Джон Росс йæ адæмы хъахъхъæнын байдыдта тæрхондоны.
1832 сæйраг тæрхондон президенты бардзырд æнæзакъононыл банымадта: черокиаг адæм сæхи зæххыл цæрынц æмæ АИШ-ы бардзырд дзы нæ кусы, зæгъгæ.
Уыцы тæрхонмæ нæкæсгæйæ, 1838 азы 7 мин æфсаддоны тыхæй рацæуын кодтой индейæгты. Сæ ног бæстæ хъуамæ суаид Индейаг территори, ныр Оклахомæ æмæ Арканзасы штаттæ кæм сты, уыцы ран. Индейæгтæй бирæ цыдысты къахæй, кæд æмæ сын 600 уæрдоны радих кодтой, уæддæр. Фæндагыл 2—6 мин адæймаджы (17 минæй) фæмардысты.
«Индейаг территоримæ» ратæрдæуыдысты фондз знæмы: чоктойæгтæ — 1831 азы, семинолтæ — 1832 азы, маскогтæ — 1834 азы, чикасойæгтæ — 1837 азы æмæ черокиæгтæ — 1838 азы.